филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 четверг, 10 июля 2025
18 июня 2014, 17:20
Мæздæджы районы ногæй байгом кæндзысты, чысыл финанстæй чи æххуыс кæны, ахæм фонды филиал

Уый тыххæй районы цæрджытæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министр Диамбекты Алан.

73064
Мæздæджы районы ногæй байгом кæндзысты, чысыл финанстæй чи æххуыс кæны, ахæм фонды филиал. Уый тыххæй районы цæрджытæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министр Диамбекты Алан. 
Ведомствойы разамонæг фембæлд чысыл æмæ астæуккаг бизнесы минæвæрттимæ. Байхъуыста сын сæ курдиæттæм, æмæ сын дзуæппытæ радта сæ фæрстытæн. Бизнесменты фæнды паддзахадон программæты активондæрæй архайын. Министр сын зæрдæ бавæрдта, ацы фарста хицауады радон æмбырды кæй æрæвæрдзæн, уымæй. Фонды куысты тыххæй та загъта, гранттæ райсын кæй зæрды ис, уыдонимæ консультацитæ арæзт кæй цæудзысты, уый. Диамбекты Алан ма радзырдта, ацы фонды лæггæдты тыххæй фылдæр хъусын кæнын кæй хъæуы. Фембæлды архайджытæ разыйæ баззадысты сæ иумæйаг ныхасæй. Сæ зæрдæ дарынц фидæны æмгуыстадыл дæр. 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania