30 июля 2013, 11:13
Мæздæджы районы сæрдыгон лагерь «Казачок Терека» у, сывæллæттæ æфсæддон хъуыддагыл кæм ахуыр кæнынц, стæй спортивон секциты кæм архайынц, ахæм иунæг лагерь
20 азы размæ йын бындур сæвæрдта Хъазахъхъаг æхсæнад. Ацы сезоны дзы уыдзæн дыууæ фæлтæры. Æрыгæтты социализацийы центр сын скодта æфсæддон-патриотон хъазт «Зарница».

20 азы размæ йын бындур сæвæрдта Хъазахъхъаг æхсæнад. Ацы сезоны дзы уыдзæн дыууæ фæлтæры. Æрыгæтты социализацийы центр сын скодта æфсæддон-патриотон хъазт «Зарница». Хъомылгæнинæгты адих кодтой дыууæ къордыл. Тырыса æмбæхст уыди хъæды, æмæ йæ сывæллæттæ хъуамæ ссардтаиккой. Ахæм хъазты хуызы сæ ахуыр кæнынц раст архайыныл, стæй æхсæнады æмæ къорды хи дарыныл. Уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Центр лагерæн балæвар кодта спортивон кусæнгæрзтæ.

темæмæ гæсгæ