филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:47 четверг, 14 августа 2025
23 мая 2014, 14:37
Мæздæджы районы станица Луковскæйы скъоладзаутæ та, экологон хъомылады программæ æххæст кæнгæйæ, сарæзтой цымыдисаг равдыст: «Бырæтты модæ»

Сывæллæттæ уæлæдарæс скодтой зæронд газеттæй, дзæкъултæй æмæ къоппытæй. Æнæхъæугæ фæрæзтæй дзаумæттæ саразыны хæс сыл сæвæрдтой сæ ахуыргæнджытæ. Скъоладзаутæ спайда

Мæздæджы районы станица Луковскæйы скъоладзаутæ та, экологон хъомылады программæ æххæст кæнгæйæ, сарæзтой цымыдисаг равдыст: «Бырæтты модæ»
Сывæллæттæ уæлæдарæс скодтой зæронд газеттæй, дзæкъултæй æмæ къоппытæй. Æнæхъæугæ фæрæзтæй дзаумæттæ саразыны хæс сыл сæвæрдтой сæ ахуыргæнджытæ. Скъоладзаутæ спайда кодтой се сфæлдыстадон курдиатæй æмæ худтæ, рæттæ, хæдæттæ æмæ юбкæтæ рауадысты æнæнхъæлæджы рæсугъд. Никæй бон уыд зæгъын, уæлæдарæс бырæттæй конд кæй у, уый. Сæ ахæм æрхъуыйæн сын жюрийы уæнгтæ скодтой аккаг аргъ. Ацы мадзал уыд æрдзхъахъхъæныны мæйоны кæронбæттæн къæпхæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania