Чиныгкæсджыты поэтты æмæ фысджыты сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын, адæмы зæрдæты национ литературæмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой республикæйы фысджыты цæдисы уæнгтæ.
Ацы бонты Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Мæздæджы районы дæрддзæф хъæутæй иу. Делегацийы уæнгтæ: фысджыты цæдисы сæрдар Ходы Камал, фыссæг Агънаты Гæстæн, поэт Хуыгаты Сергей æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы иннæ минæвæрттæ абалц кодтой Веселæйыхъæумæ. Ам историйы музейы цæрджытæ сæхæдæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районæй рацæуæг фысджыты æмæ поэтты тыххæй æрмæг. Уæвгæ, бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты ацы фембæлдмæ. Фæндыди сæ ахсджиаг фарстатыл аныхас кæнын. Литератортæ куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ сфæлдыстады хъæуынц ног æрыгон уæнгтæ. Цæмæй архайой раздæры традицитæ раздахыныл. Национ литературæ та домы ног цæсгæмттæ æмæ нæмттæ. Мæздæджы районы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ уазджытæн радзырдтой, се скъолаты ахуыргæнинæгтæ сæ истори, æгъдæуттæ æмæ традицитæ зонынмæ кæй тырнынц, уый тыххæй. Уымæн æрхæссæн ис бирæ дæнцæгтæ.
Бигъуылаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы хицауады администрацийы сæйраг консультант: «Мæздæг цæмæй рохуаты ма уа. Уый тыххæй архайæм ахæм фембæлдтытæ арæхдæр аразыныл. Хорз уаид, æмæ иннæ организацитæ дæр афтæ куы кæниккой. Ацы аз у культурæйы аз, æмæ уымæ гæсгæ. Стæй ма у Хетæгкаты Къостайы юбилейон аз дæр. Йæ райгуырдыл æххæст кæны 155 азы».
Поэтессæ Еленæ Чухлебова уазджытæн радзырдта, Мæздæджы скъоладзаутæ стыр æргом кæй здахынц ирон æвзагыл фыст чингуытæм æмæ классикты сфæлдыстадмæ. Уымæй дарддæр сæм районы газет «Моздоксий вестник»-ы бындурыл кусы литературон иугонд. Базиты Ларисæ та радзырдта иу цымыдисаг цауы тыххæй. Æрæджы самал кодтой архивон документтæ. Баст сты фыццаг ирон скъолайы фæзындимæ. Байгом æй кодтой Мæздæджы 1774-æм азы. Ацы цауы тыххæй информаци æмбырд кодтой куыд хистæртæ, афтæ районы Ныхасы æхсæнадон уæнгтæ æмæ фæсивæд дæр.
Уртаты Вячеслав, Веселæйыхъæуы культурæйы хæдзары директор: «Нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ахæм фембæлдтытæ уой арæхдæр. Хорз нысаниуæг сын ис, стæй ахадындзинад. Чи зоны æмæ ахæм мадзæлтты руаджы ирон æвзаг сæфты къахыл нал æудзæн».
Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ хъæуы арæхдæр кæнын, стæй сæм фылдæр адæмы фтауын. Цæмæй нæ истори æмæ литературон æгъдæуттæ рох ма уой.




