08 мая 2018, 12:25
Мæздæджы районы Веселæйыхъæуы та мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой се ‘мзæххонтæн Гусаты Георгийæн æмæ Къомайты Барисæн
Сæ нæмттæ сын сæнусон кодтой бынæттон скъолайы къулыл.
Мæздæджы районы Веселæйыхъæуы та мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой се ‘мзæххонтæн Гусаты Георгийæн æмæ Къомайты Барисæн. Сæ нæмттæ сын сæнусон кодтой бынæттон скъолайы къулыл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх. Батальоны капитан Гусаты Георгий 72 хатты æрлæууыд знаджы ныхмæ. Æдзухдæр уыд дæнцæгæн хæссинаг йæ дæлхайады æфсæддонтæн. Схорзæхджын æй кодтой Суворовы 3-æм къæпхæны орденæй. Къомайты Барис йæхи хъæбатырæй равдыста Хъырымы тохты. Советон æфсæдтæ цад Сивашы сæрты куы ахызтысты, уæд знаг райдыдта контратакæ. Цæмæй ахсты ма бахауой, уый тыххæй Барис æхсын райдыдта, æмæ фыццаг ныхмæлæуджыты абырста. Схорзæхджын æй кодтой Сырх Тырысайы орденæй. Уыимæ ис официалон гæххæттытæ, 2 ирон хæстоны дæр Советон Цæдисы хъæбатыры номы аккаг кæй уыдысты, уый тыххæй. Уыцы хæрзиуджытæ нæ райстой, фæлæ се ‘мзæххонтæн æмæ мыггæгтæн æнустæм баззайдзысты хъæбатыртæй. Цæмæй рæзгæ фæлтæр Гусаты Георгийы æмæ Къомайты Барисы нæмттæ ма рох кæной, ууыл бацархайдта Веселæйы цæрæг, меценат Дзебойты Станислав.
темæмæ гæсгæ




