филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 вторник, 16 декабря 2025
28 февраля 2014, 14:29
Мæздæджы скъоладзаутæ сæ фæсивæдон Парламентмæ æвзæрстытæ сарæзтой, æцæгæй цыма уыдысты, афтæ

2 мин лæппу æмæ чызгæн, барадон æмæ æвзарæн культурæйыл кусгæйæ, ацы мадзал сарæзтой территориалон æвзарæн къамисы уæнгтæ. Сæ сæргъы уыд Владимир Гречаный.

Мæздæджы скъоладзаутæ сæ фæсивæдон Парламентмæ æвзæрстытæ сарæзтой, æцæгæй цыма уыдысты, афтæ
2 мин лæппу æмæ чызгæн, барадон æмæ æвзарæн культурæйыл кусгæйæ, ацы мадзал сарæзтой территориалон æвзарæн къамисы уæнгтæ. Сæ сæргъы уыд Владимир Гречаный. Фæсивæдон æвзарæн къамисмæ бахастой скъоладзауты. Ахуыр сæ кодтой кандидатты æмæ сæ программæтæ регистраци кæныныл, æвзæрстыты агъоммæ агитаци аразыныл, хъæлæстæ нымайыныл æмæ депутаттæн мандаттæ дæттыныл. Æрыгон кандидаттæ: скъоладзаутæ æмæ техникумты ахуыргæнинæгтæ æвзæрстыты агъоммæ сæхæдæг сæхицæн ныффыстой программæтæ. Алы скъолаты сын уыд дебаттæ. Территориалон æвзарæн къамисы специалисттæ куыд загътой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнынц цымыдисдзинад æвзæрстытæм. Ацы хатт иумандатон зылдтæм гæсгæ равзæрстой 11 депутаты. Партион хыгъдтæм гæсгæ та рамбылдтой партитæ «Фæсивæды хъæлæс», «Иумæйаг хъуыддаг» æмæ «Раст адæм».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania