филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 понедельник, 13 мая 2024
12 марта 2013, 12:14
Мæздæджы скъолатæй сарæзтой фембæлд

Æфсадмæ цæуын хъæуы, æви нæ? Фыдыбæстæ чи хъуамæ хъахъхъæна? Ацы æмæ æндæр фæрстытæн дзуапп раттыныл бацархайдтой Мæздæджы скъолатæй иуы.

Æфсадмæ цæуын хъæуы, æви нæ? Фыдыбæстæ чи хъуамæ хъахъхъæна? Ацы æмæ æндæр фæрстытæн дзуапп раттыныл бацархайдтой Мæздæджы скъолатæй иуы.

Цы фембæлд дзы сарæзтой, уый архайджытæ адих сты дыууæ къордыл: сæ иутæ æфсады службæ кæнынимæ разы уыдысты, иннæтæ та рахæцыдысты альтернативон службæйы фарс. Се ппæт дæр сæ хъуыдытæ бафидар кæныны тыххæй хастой дæнцæгтæ. Фæлæ службæ кæнын растдæр кæмæ кæсы, уыдон разындысты фылдæр. Мæздæджы районы æфсæддон комиссарады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани райдайдзæн апрелы. Ныртæккæ та уал фидæны æфсæддонтимæ арæзт цæудзысты фембæлдтытæ, æмæ дзы лæппутæн дзурдзысты нырыккон æфсады тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania