филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:08 суббота, 21 сентября 2024
17 октября 2012, 10:22
Мæздæджы цæрæг Альберт Шамурзаев аирвæзын кодта æртæаздзыд лæппуйы

Мæздæджы цæрæг Альберт Шамурзаев аирвæзын кодта æртæаздзыд лæппуйы. Фыдбылыз æрцыд фæлладуадзæн бонты чындзæхсæвы рæстæг. Таухъазахты Мæхæмæт иннæ сывæллæттимæ рацыд кæртмæ ахъазынмæ.

Мæздæджы цæрæг Альберт Шамурзаев
аирвæзын кодта æртæаздзыд лæппуйы. Фыдбылыз æрцыд фæлладуадзæн бонты
чындзæхсæвы рæстæг. Таухъазахты Мæхæмæт иннæ сывæллæттимæ рацыд кæртмæ
ахъазынмæ. Бæстыхайы цурты калди къанау, æмæ дзы лæппу ныххауд. Уыцы
рæстæг чындзæхсæвы уазджытæй иу Альберт Шамурзаев фехъуыста, чидæр
æххуысагур куыд хъæр кодта, уый, æмæ атагъд кодта фыдбылызы бынатмæ.

Тæрсгæ та, æвæццæгæн, уымæн нæ фæкодта
æмæ йæ зыдта, йæ зæды хай йын кæй баххуыс кæндзæн. Уæвгæ, уыцы бонæй
фæстæмæ Таухъазахты бинонтæ Альберт Шамурзаевы нымайынц сæ
ирвæзынгæнæгыл, Хуыцауæй сын æрвыст адæймагыл.

Альберт Шамурзаев та ныр ацы къанауы цур
куы вæййы, уæд йæ зæрдæ сриссы. Цæстыты раз ауайынц уыцы æвирхъау боны
цаутæ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ чындзæхсæвы рæстæг сывæллæттæ хъазыдысты
бæстыхайы алыварс фæзуаты, къанаумæ хæстæг. Мады зæрдæ зонаг у, мæнгæн
нæ фæзæгъынц. Иу афон адæм гуылфгæнгæ донмæ куы атындзыдтой, уæд
Таухъазахты Заирæйы зæрдæ фехсайдта йæ 3 азыдзыд сывæллонмæ. Фæлæ йæ
хæстæг ничи бауагъта. Уыцы рæстæг Альберт Шамурзаев сывæллонæн кодта
реанимацион мадзæлттæ. Фыдбылыз куыд æрцыд, уый бинонтæ базыдтой
фæстæдæр.

Фæлæ 3 азыдзыд лæппу ныцъцъæх. Нал
улæфыд. Чидæр донмæ батарадта машинæ æмæ Альберт, сывæллон йæ хъæбысы
афтæмæй, сбадтысты æмæ йæ ластой рынчындонмæ. Фæндагыл дæр лæппуйæн
кодта зæрдæйы массаж, арæзта, цæмæй сулæфа, ахæм мадзæлттæ. Æмæ йæ
фервæзын кодта.

Дохтырты ныхæстæм гæсгæ йын Альберт
бакодта æмбæлгæ æмæ раст æххуыс. Æрмæстдæр йæ архайды фæрцы фервæзт
саби. Йæхæдæг та æфсæрмытæгæнгæйæ, фæзæгъы, ома, йæ бынаты æндæр исчи
куы уыдаид, уæддæр афтæ бакодтаид.

Альберт Шамурзаев: «Æз сæххæст кодтон мæ
граждайнаг æмæ адæймаджы хæс. Мæ бынаты æндæр исчи дæр афтæ бакодтаид.
Ныр мын чыдæртæ афтæ зæгъынц, ома, дам куыд бауæндыдтæ. Кæлмытæ дзы ис,
арф у, чъизи. Фæлæ ма лæг ууыл фæхъуыды кæны? Æмæ кæд хъуыддæгтæ афтæ
рауадысты, уæд ацы гыццыл Хуыцауы уарзон адæймаг у, æмæ хъуамæ цæра. Куы
байрæза, уæд хорз адæймаг кæй уыдзæн, уый æнæмæнг у».

Таухъазахты бинонтæн Альбертæй
зынаргъдæр адæймаг нæй. Сывæллоны куыд фервæзын кодта, уый та дохтыртæ
дæр æмæ ныййарджытæ дæр нымайынц диссаджы хъуыддагыл.

Таухъазахты Зæирæ, Муххамеды мад: «Æз æй
бæгуыдæр хъæбатырыл нымайын. Мæнмæ гæсгæ, алчи афтæ нæ бакодтаид. Æз æй
куыд зонын, афтæмæй уыцы рæстæг дæр дзы бирæ адæм уыд, фæлæ дзы донмæ
Альберт йеддæмæ ничи ныггæпп кодта. Бирæтæ ма афтæ дæр дзырдтой,
ныууадзут æй зæгъгæ, ома, амарди. Альберт та никæмæ æмæ ницæмæ фæкаст
æмæ мын фервæзын кодта мæ лæппуйы. Йæ бон цы уыд – уый бакодта, цы нæ
уыд уый дæр».

Абоны дуджы хъæбатырдзинадæн бынат ис
æви нæ? – ууыл дзурæн бирæ ис, фæлæ Альберты хуызæн лæппутæм кæсгæйæ,
алкæйдæр бауырндзæн, нæ фарсмæ кæй цæры удыхъæдæй рæсугъд æмæ бахъуаджы
сахат йæхи чи нæ бамбæхсдзæн, ахæм фæсивæд.

Ахæм фыдбæллæхтæ та къаддæр цæмæй уа,
уый тыххæй хъуамæ амалхъом адæм дæр æмбæлгæ хуызы зилой, сæ бæрны цы
фæзуæттæ ис, уыдонмæ. Ам ма зæгъдзыстæм уый, æмæ чындзæхсæв кæм уыд, æмæ
сывæллæттæ кæм хъазыдысты уыцы бынаты къанаумæ хæстæг ныр дæр ма нæй
нæдæр быру, нæдæр исты амонæн.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania