филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:45 воскресенье, 19 мая 2024
17 апреля 2014, 17:20
Мæздæджы уыди национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады æртыккаг æмбырд

Ныхас дзы цыди нациты хсæн ахастдзинæдты æмæ республикæйы граждайнаг æхсæнады рæзтыл. Æмбырды архайдтой Мæздæджы районы хицаудзинады æмæ æхсæнадон организациты

Мæздæджы уыди национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады æртыккаг æмбырд
Ныхас дзы цыди нациты хсæн ахастдзинæдты æмæ республикæйы граждайнаг æхсæнады рæзтыл. Æмбырды архайдтой Мæздæджы районы хицаудзинады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй иннæ районтæй делегацитæ. Бацæттæ кодтой 10 доклады, амынд дзы уыдысты æрмæст лыггæнинаг фарстатæ нæ, фæлæ адæмты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ тауынæн бæлвырд хъуыддæгтæ. Имамтæ, чырыстон аргъуаны кусджытæ æмæ национ-культурон æхсæнадты разамонджытæ дзырдтой фæсивæдимæ æнгомдæр кусын кæй хъæуы, æмæ куысты бынæттæ гом кæнын кæй хъæуы, ууыл. Повлодольскийы цæрджытæ æмбырды архайджыты размæ рахастой циганты фарста. Куыст агурæг сæ хистæртæ ацæуынц æндæр республикæтæм, сывæллæттæ та æвæгæсæгæй баззайынц, скъолатæм нæ цæуынц, уый та йæ фæдыл хорз хъуыддæгтæ нæ расайы. Æмбырды сфидар кодтой Мæздæджы районы бирæ нациты хсæн хæлардзинадæн арæзт чи сты, ахæм бæлвырд мадзæлттæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania