филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 19 мая 2024
17 апреля 2014, 16:48
Мадæлон капитал дæттыны мгъуыд фæдæргъвæтиндæр кæныны хъæппæрисыл абон æрныхас кодтой Парламенты Советы

Закъоны проекты автортæ фæнд кæнынц, 2017-æм азæй фæстæмæ бинонты сертификат дыккагæн нæ, фæлæ æртыккаг сывæллонæн дæттын. Уыимæ йæ фæфылдæр кæнын.

Мадæлон капитал дæттыны мгъуыд фæдæргъвæтиндæр кæныны хъæппæрисыл абон æрныхас кодтой Парламенты Советы
Иу милуан æмæ рдæг æртыккаг сывæллонæн. Мадæлон капитал дæттыны мгъуыд фæдæргъвæтиндæр кæныны хъæппæрисыл абон æрныхас кодтой Парламенты Советы. Закъоны проекты автортæ фæнд кæнынц, 2017-æм азæй фæстæмæ бинонты сертификат дыккагæн нæ, фæлæ æртыккаг сывæллонæн дæттын. Уыимæ йæ фæфылдæр кæнын. Документы ныхас цæуы ууыл дæр, цæмæй фæрæзтæ хардзгонд цæуой цæрыны уавæртæ хуыздæр кæныныл. Советы уæнгтæ æрныхас кодтой социалон законыпроектыл дæр. Уый бар нал дæтдзæн, машинæйы цæугæйæ тамако дымынæн, сывæллæттæ дзы куы бада, уæд.

Депутаттæ сразы сты уыцы хъæппæрисимæ. Фæлæ йæ царды рауадзын бантысдзæн, æви нæ, ууыл дызæрдыг кæнынц. Орловы облæсты депутаттæ нæ бæстæйы премьер Дмитрий Медведевмæ арвыстой курдиат, цæмæй фæфылдæр уа хъæууон хæдзарады субсидитæн паддзахадон æххуыс. Иннæ федералон закъоныпроектмæ гæсгæ та хъæуы лицензитæ дæттын бæгæныфыцæн хъуыддагæн. Фæлæ депутаттæ уыцы хъæппæрисимæ не сразы сты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania