Фæлæ ис ахæм бинонтæ, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ уыцы фæрæзтæ райсын сæ къухы кæмæн нæ бафтыд. Сайдæй сыл рацыдысты закъонхалджытæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны прокуратурæ кæсы 185 хъуыддагмæ.
Дзусаты Аллæ цæры, йæ фыдыфыд ын Зилгæйы цы хæдзар балæвар кодта, уым. Бæстыхай хъæуы бындурон цалцæг кæнын. Уымæ гæсгæ сылгоймаджы бафæндыд мадæлон капитал райсын æмæ фæрæзтæ схардз кæнын йæ цæрæнуавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Уыцы рæстæг йæ сывæллоныл 7 мæйы йедтæмæ нæ цыд. Хъыгагæн, йæ фæнд йæ къухы нæ бафтыд. Бæлвырд адæм ын зæрдæ бавæрдтой, кæд сывæлоныл 3 азы нæма цæуы, уæддæр закъонмæ гæсгæ æхцатæй спайда кæнæн ис.
Дзусаты Аллæ: «Тынг зæрдæ мын бавæрдта, æппындæр ма тыхсгæ ма цæуыл кæн. Тæссагæй дзы ницы ис. Æнæзакъонæй нæ кусæм мах. Мæскуымæ гæххæт арвитдзыстæм, æмæ уырдыгæй куы ссæуа бар, уæд дын дæ гæххæттытæ æрæмбырд кæндзыстæм. Æмæ Мæскуыйæ гæххæт æз райстон. Æмæ йæ кæд сæхæдæг ныффыстой, уæддæр æй нæ зонын. Æмæ нын уæд загъта, мæй банхъæлмæ кæс, мæнæ æвзæрстытæ фæуой, æмæ уæд де хца дæ къухы уыдзысты. Æппындæр дзы тæссагæй ницы ис».
Афтæмæй Дзусаты Аллæ бафыста бæлвырд гæххæттытæ æмæ æнхъæлмæ каст, æхца кæд райсдзæн, уымæ. Ахæм уавæры ис Æлбегаты Алинæ дæр.
Æлбегаты Алинæ: «Ай у нæ хинайæн, хъавыдыстæм ын йæ пъол сисын, рудзгуытæ аивын. Ай та у, хæргæ кæм фæкæнæм, уыцы уат. Дон нын дзы нæй. Хæринаг дæр дзы тыххæй скæнын. Дон æддейæ æрбахæссæм».
Йæ хæдзар сцалцæг кæныны тыххæй Æлбегаты Алинæйы дæр фæндыд мадæлон капиталы фæрæзтæ райсын. Закъонхалджытæ сты, уæд уый не мбæрстам, зæгъы сылгоймаг. Зæрдæ сын бавæрдтой, се хца райсынмæ сын кæй баххуыс кæндзысты, сæхæдæг кæй æрæмбырд кæндзысты сæрмагонд документтæ. Фæлæ ныр дæр бирæтæ се хца нæма райстой. Ахæм уавæры сты бирæ сылгоймæгтæ. Ныртæккæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады слестгæнæн управленийы специалисттæ кæсынц 185 ахæм хъуыддагмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй закъонхалджытæ саразынц кредитон кооператив. Ома адæмæн æхца, хæдзар саразынæн кæнæ йæ сцалцæг кæнынæн чи дæтты, ахæм. Æмæ сын кредит бафидæн кæй ис мадæлон капиталы фæрæзтæй. Фæлæ сылгоймæгтæ сæрмагонд гæххæттытæ куы бафыссынц, уæд организаци йæ куыст бауромы. Афтæмæй сыл бирæ бинонтæ баууæндыдысты æмæ фесæфтой сæ фæрæзтæ.
Куындыхаты Таймураз, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министрады слестгæнæн управленийы слестгæнæн хайады слестгæнæг: «Ныртæккæ Слестгæнæн Управленийы куыст цæуы уголовон хъуыддагыл, мадæлон капиталы фæрæзтæй æнæзакъонæй пайда кæныны тыххæй. Иумæйагæй сты 185 хъуыддаджы. Абоны онг раиртæстам сæдæ æстай фондз æнæнзакъон сертификаты. Арæзт æрцыдысты кредитон кооператив саразгæйæ, кæнæ та исты фирмæ. Ацы уголовон хъуыддаг хъуамæ æхгæд æрцыдаид февралы кæрон. Фæлæ нæм январы сæ хъаст æрбахастой нæ республикæйы цæрæг 14 сылгоймаджы. Уымæ гæсгæ уголовон хъуыддагмæ каст цæудзæн апрелы онг. Ацы уголовон хъуыддаджы азымджын кæнынц авд адæймаджы».
Сæ фæрæзтæ райсыныл сылгоймæгтæ тох кæнынц ныр 3 азы. Фæлæ нырмæ æххуыс никæмæй райстой. Дарддæр сæ фæнд у бæстæйы президентмæ курдиат арвитын, цæмæй сын баххуыс кæна, закъонмæ гæсгæ сын цы фæрæзтæ æмбæлы, уыдон райсынæн.
Гугкаты Иринæ




