22 февраля 2022, 11:42
Мадæлон æвзаджы æппæтадæмон бон сбæрæг кодтой Дигорайы
Мадзал саразыныл бакуыста патриотон клуб «Фыдыбæстæ»
Мадæлон æвзаджы æппæтадæмон бон сбæрæг кодтой Дигорайы культурæйы хæдзары. Мадзал саразыныл бакуыста патриотон клуб «Фыдыбæстæ». Республикæйы 4 районы 50 скъоладзауæй фылдæр бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ. Афтæмæй сценæйæ азæлыдысты 16 æвзагыл фыст уацмыстæ. Се хсæн – лезгинаг, туркаг, балхъайраг, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы – ирон. Фембæлд саразджыты хъуыдымæ гæсгæ – мадæлон æвзагмæ уарзондзинады бындуры æвæрд ис патриотон хъомылад.
темæмæ гæсгæ




