филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
03 января 2023, 15:52
Мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ сæхи иттæг хорз равдыстой æппæтурæсæеон æмæ регионты хсæн конкурсты

2023-æм аз нысангонд æрцыд педагог æмæ разамонæджы афæдзыл

Ахуырады къæпхæнтыл цæуын æнцон хъуыддаг нæу. Уæлдай зындæр та, хатгай вæййынц мадæлон æвзаджы уроктæ. Уый хорз зонынц иронæ взаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Уымæ гæсгæ сæ урокты, нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ, фæархайынц скъоладзауты ргом ирон æвзагмæ раздахыныл. Ахæм фæлтæрддзинад фæцыд куыд кæстæрты, афтæ бæрнон жюрийы зæрдæмæ дæр. Мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ сæхи иттæг хорз равдыстой æппæтурæсæеон æмæ регионты хсæн конкурсты. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ирон æвзаг сахуыр кæнын æнцон у, æрмæст дæ фæндæг кæнæд, афтæмæй. Уыимæ йæ ахуыр кæнын хъæуы фыццæгæм къласæй райдайгæйæ. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Беслæны 8-æм скъолайы ахуыргæнæг. Миланæ æрæджы сси Цæгат Кавказы федералон зылды мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты конкурсы призер. Бакуыста йæхи методикæйыл. Сывæллæттæн урокты ног формат сæ зæрдæмæ цæуы. Уый та у ахсджиагдæр, – зæгъы ирон æвзаджы ахуыргæнæг.

Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ ис алыхуызон фадæттæ, ирон æвзаг ахуыр кæнынæн: мыхуыры рацæуынц чингуытæ, уымæй дарддæр хъæздыг æрмæг фенæн ис интернеты. Фæлæ сæйрагдæр у – нырыккон технологитæй раст пайда кæнын. Сунжæйы дыккæгæм скъолайы ахуыргæнæг Къæбысты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ирон æвзаг горæтаг скъолаты дæттын у бирæ зындæр. Хъæуты сывæллæттæ иронау хуыздæр кæй дзурынц, уымæ гæсгæ.

Къæбысты Мæдинæ у, дыууæ мин дыууын дыккæгæм азы мадæлон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн дæсныйадæвдисæг ахуырты Æппæтуæрæсеон конкурсы финалист. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хæслæвæрдтæ бынтон зын нæ уыдысты, уæлдайдæр та йæхи хорз чи цæттæ кодта, уыдонæн. Сæдæ ахуыргæнæджы онг ацыдысты цалдæр къæпхæны. Фыццаг уыд презентаци. Уый фæстæ та – дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ ирон æвзаджы урок æнæзонгæ къласы. Æрмæст дæхи методикæмæ гæсгæ. Уый та æнцон хъуыддаг нæ уыд.

Конкурсанттæн аргъ кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ. Уырдæм та хаст æрцыдысты Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ, ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, ахуыргæндтæ, стæй профессионалон конкурсты уæлахиздзаутæ. Алы архайæг дæр бацæттæ кодта йæ райгуырæн бæстæйы тыххæй радзырд цæстуынгæ æрмæгимæ, стæй радзырдта, йæ регион сæрбæрзонд кæмæй у, ахæм адæмы тыххæй.

2023-æм аз нысангонд æрцыд педагог æмæ разамонæджы афæдзыл. Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрад кусы тематикон азы сæйраг мадзæлттыл. Се хсæн уыдзысты мадæлон æвзаджы ахуыргæнджыты конкурстæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania