филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:20 суббота, 21 сентября 2024
20 сентября 2024, 11:12
Мадæлон æвзаг хæрз сабибонтæй ахуыр кæнын æмæ дарддæр йæ рæзтыл кусын

Ацы хъуыддаг ахадгæйæ æххæст кæнынц полилингвалон модельмæ гæсгæ цы рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ архайынц, уыдон

Мадæлон æвзаг хæрз сабибонтæй ахуыр кæнын æмæ дарддæр йæ рæзтыл кусын. Ацы хъуыддаг ахадгæйæ æххæст кæнынц полилингвалон модельмæ гæсгæ цы рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ архайынц, уыдон. Æххуыс сын кæнынц ирон æвзаджы райрæзты центры кусджытæ. Ацы куыстуат кæд æрæджы байгом, уæддæр æнтыстджынæй æххæст кæны йæ размæ æвæрд хæстæ. Ныр дæр ын ахуырады æмæ наукæйы министрад бабар кодта сæрмагонд конкурс. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Салам радтын, рагон ирон мигæнæнтимæ базонгæ уæвын æмæ ма суанг хъæзтытæ дæр – алцыдæр мадæлон æвзагыл. Сывæллæтты рæвдауæндон «Эрудит»-ы ацы къорды сабитæ ахуыр кæнынц поликультурон ахуырады полилингвалон модельмæ гæсгæ. Ам ахæм хуызы фыццаг аз нæ архайынц, фæлæ ирон æвзаджы райрæзты центр куы байгом, уæд куыст ног æмвæзадмæ рахызт.

Æдæппæтæй республикæйы полилингвалон модельмæ гæсгæ архайынц 116 рæвдауæндоны. Æмæ, специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд раздæр ныййарджытæ сæ ныфс нæ хастой сывæллæтты ахæм къордтæм кæнынмæ, уæд ныр æрвылаз сæ нымæц фылдæр кæны. Ирон æвзаджы райрæзты центры бацæттæ кодтой хъæугæ методикон æрмæг, стæй ацы къордты хъомылгæнджытæн æдзух аразынц дæсныйад уæлдæргæнæн курсытæ.

Скъолайы ахуырады системæйы полилингвалон модельмæ гæсгæ кусынæй дæнцæгæн æрхæссинаг æнæмæнг у Алайнаг гимназ. Ам райдайæн скъолайы æппæт кълæсты ахуырад 90 процентæн арæзт у ирон æвзагыл. Гимназы директор Цæразонты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, ирон æвзаджы райрæзты центримæ æнгом æмæ пайдайаг æмгуыстад кæнынц.

Полилингвалон модельмæ гæсгæ цы иннæ 15 скъолайы кусынц, уыдоны ацы схемæмæ гæсгæ ахуырад цæуы хицæн кълæсты. Центры сæ зæрдæ дарынц, фидæны Цæгат Ирыстоны алы районы дæр кæй апарахат уыдзæн Алайнаг гимназы фæлтæрддзинад. Уæвгæ, центры архайды полилингвалон моделы райрæзт иунæг къабаз нæу.

Ныртæккæ ахуырады æмæ наукæйы министрад снысан кодта 1-æм-11-æм кълæсты ирон æвзаг æмæ литературæйæ хуыздæр ахуырадон-методикон комплектты авторты коллективты конкурс. Мадзал æххæст кæны мадæлон æвзаджы райрæзты центр.

Ведомствæйы куыд загътой, афтæмæй ацы куыст ахсджиаг у. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ хъуамæ ахуырадон чингуытæ федералон номхыгъдмæ хаст æрцæуой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania