Полилингвалон системæйы фæрцы райдиан кълæсты скъолайы дисциплинæтæ ахуыр кæнынц дыууæ æвзагыл
Мадæлон æвзагыл дзурын æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын у полилингвалон ахуырады фыццаградон хæстæй иу. Специалистты хъуыдымæ рагфыдæлты æвзаг ахуыр кæнын хъæуы сабийæ фæстæмæ. Полилингвалон системæйы фæрцы райдиан кълæсты скъолайы дисциплинæтæ ахуыр кæнынц дыууæ æвзагыл. Ацы хъуыддаджы фæлварæн скъола уыди Алайнаг гимназ. Райдиан скъолайы мадæлон æвзаг базонын у æнцондæр æмæ фидæны ахадгæдæр.
«Æгас цу» ам æрмæст ирон æвзаджы урокты нæ хъуысы. Полилингвалон кълæсты ацы дзырдтæй райдайынц се ппæт уроктæ дæр. Ахуыргæнæджы алы фарстæн дæр къласы сæ къухтæ сдарынц ахуырдзауты фылдæр æмбис. Уæдæ фæйнæджы цур дзуапп радтын кæй фæнды, уыдон та уымæй фылдæр. Арианæйыл цæуы 8 азы. У дыккæгæм къласон. Куыд зæгъы, афтæмæй йын мадæлон æвзагыл дзурын у тынг æхсызгон æмæ цымыдисаг. Ирон æвзагæй зонындзинæдты æмвæзад æнкъарынц ныййарджытæ дæр. Уыимæ уырыссагау сывæллæттæ æвзæрдæр дзурын нæ райдыдтой. Ахуыргæнæндон ифтонггонд у æппæт хъæугæ методикон æрмæгæй, чингуытæ, кæнæ тетрæдтæ хи æлхæнинаг не сты.
Хъазты хуызы математикæйы фæзилæнтыл Ногиры скъолайы ирон æвзагыл дзурынц 2012-æм азæй фæстæмæ. Уæд ацы ахуыргæнæндон равзæрстой фæлварæны хуызы. Эксперимент фæрæстмæ. Æмæ дзы 2017-мы фæзынди æртæ полилингвалон къласы. Зын вæййы æрмæстдæр йæ райдианы, зæгъынц ахуыргæнджытæ. рæзгæ фæлтæры зонындзинæдты æмвæзад у алыхуызæн. Фæлæ дыууæ мæйы фæстæ, ирон дзырд зæлы литературон формæмæ хæстæгдæрæй.
Абон Цæгат Ирыстоны полилингвалон ахуырады проектмæ хаст æрцыдысты 16 скъолайы, уыдоны бындурыл кусы 41 къласы. Ныхас цæуы национ скъолайыл. ЮНЕСКО-йы программæмæ гæсгæ кусынц республикæйы 48 сывæллæтты рæвдауæндоны дæр, æдæппæтæй 90 къорды.
Проекты фыццаг архайджытæй иу сси скъолайы агъоммæйы 74-æм ахуыргæнæндон. Рæвдауæндоны æдæппæтæй ис 6 къорады, уыдонæй дыууæ сты полилингвалон – æппæты кæстæр æмæ кæстæр къордтæ. Ис дзы ирон æвзаджы педагог дæр.
Кæстæр кары сабитимæ куыст домы хъазты хуыз. Пайда кæнынц алывæрсыг куысты хуызтæй, фæлæ сæ хатдзæг алы хатт вæййы уыцы иу. Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ нырма иуæй-иу мыртæ хорз нæ дзурынц, фæлæ ныридæгæн архайынц ирон æвзагыл ныхасы конструкци рацаразын. Ам мадæлон æвзагыл зарынц æмæ ахуыр кæнынц Къостайы æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ, алыхуызон конкурсты бацахсынц фыццаг бынæттæ. Куыд Калоты Давид, афтæ.
Уый фæстæ та хæлæрттæм, национ «Симд» æмæ «Хонгæ» кафынмæ, куыд Джыккайты Аделинæ. Раст астæу, уыимæ, æнæмæнгæй адæймаг хъуамæ лæууа æнæмæнгæй къахфындзтыл. Афтæ, фæсивæд разæнгард кæнынц ирон культурæмæ дæр. Æдæппæтæй рæвдауæндонмæ цæуы 120 хъомылгæнинаджы. Бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты ардæм кæнынц полилингвалон ахуырады тыххæй.
Поликультурон ахуырады полилингвалон модель хъуамæ сывæллæтты æрмæст иоон æвзагыл ма сахуыр кæна. Конд у национ скъола бахъахъхъæныны тыххæй. Мадæлон æвзаг хъуамæ цæра, æмæ йын тæссаг мацæмæй уа, зæгъынц специалисттæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фидæны, ахæм къордтæ æмæ кълæстæ ахуыргæнæндæтты уыдзæни ноджыдæр фылдæр.




