филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:39 понедельник, 13 мая 2024
11 марта 2013, 11:26
Мады капитал райсыны тыххæй Республикæйы пенсион фондмæ балæвæрдтой 30 мин курдиаты

Сохиты дыккаг сывæллоныл сæххæст æрмæст 7 мæйы. Бинонтæ бæлвырд нæма сбæрæг кодтой, æхца куыд схардз кæндзысты, уый, сæ цотæн ахуырад райсыныл æви сæ цæрæнуат фæхуыздæр кæныныл.

Сохиты дыккаг сывæллоныл сæххæст æрмæст 7 мæйы. Бинонтæ бæлвырд нæма сбæрæг кодтой, æхца куыд схардз кæндзысты, уый, сæ цотæн ахуырад райсыныл æви сæ цæрæнуат фæхуыздæр кæныныл. Фæлæ сыл пенсион фонды кусджытæ сæмбæлдысты кадджын уавæры дидинджытимæ. Фонды куыд зæгъынц, афтæмæй 30 минæм курдиат дзуарæг у, республикæйы демографион уавæр хуыздæр кæй кæны, ууыл.

Быгъуылты Земфирæ, Уæрæсейы пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæйы специалист: «Абон пенсион фонд райста 30 мин курдиаты мадæлон капиталмæ. Уыцы хабар æхсызгон у канд пенсион фонды кусджытæн нæ, фæлæ се ппæтæн дæр. Уæлдайдæр уымæн, æмæ сылгоймæгты бон бæрæггонд кæй цæуы, уый тыххæй. Ацы фæстаг азты фæфылдæр ноггуырд сывæллæтты нымæц нæ республикæйы. Уымæн æвдисæн сты мадæлон капиталмæ курдиæттæ пенсион фондмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania