филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 воскресенье, 01 февраля 2026
02 марта 2021, 14:07
Мæхæмæтты Ахуырбег Æфсæддон ахуырадон центры кусджытæн сæ патриотон хъомыладон куысты тыххæй студентты хсæн

Йæ ныхæстæм гæсгæ фыдыбæстæ хъахъæнæджы боны кадæн цы мадзал сарæзтой, уый дæр уыд бæрзонд æмвæзадыл

Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты Президент Мæхæмæтты Ахуырбег раарфæ кодта офицертæн æмæ Æфсæддон ахуырадон центры кусджытæн сæ патриотон æмæ интернационалон хъомыладон куысты тыххæй студентты хсæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ фыдыбæстæ хъахъæнæджы боны кадæн цы мадзал сарæзтой, уый дæр уыд бæрзонд æмвæзадыл. Уыимæ сын радзырдта Ирыстоны минæвæрттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы хъæддыхдзинад равдыстой, се хсæн студунттæ, ЦИПУ-йы рауагъдонтæ æмæ ахуыргæнджытæ, уыдоны тыххæй. Мæхæмæтты Ахуырбег уыцы хъæбатырдзинад рвдисджыты тыххæй ныффыста чиныг «Они сражались за Родину ». Уымæ гæсгæ дзы алкæйы цардвæндаг æмæ хæстон цаутæ йæ зæрдæмæ хæстæг сты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ центр кæй у æххæст дæсны офицертæй, сæ сæргъы Валерий Дробышев, афтæмæй. Мæхæмæтты Ахуырбеджы ныхæстæм гæсгæ ахуыргæнæндоны разамынд сарæзта æппæт уавæртæ лекцитæн æмæ практикон ахуыртæ аразынæн. Архайынц сын сæ материалон-техникон бындур фæфылдæр кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania