филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2021, 14:24
Мæйы райдианæй нæ республикæйы райдыдта сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани

Ацы аз лагерьты æмæ санаториты сæ фæллад суадздзысты 4 мин адæймаджы

Мæйы райдианæй нæ республикæйы райдыдта сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани. Ацы аз лагерьты æмæ санаториты сæ фæллад суадздзысты 4 мин адæймаджы. Цæгат Ирыстонæй дарддæр ацæуын нæ бантысдзæн эпидемиологон уавæры тыххæй. Сывæллæтты суазæг кæнын сæ бон кæмæн у, уыцы организацитæ бабæрæг цæстдарæн ведомствоты специалисттæ. Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны лагерь ныридæгæн дæр кусы. Лæппутæ æмæ дзы чызджытæ сæ рæстæг куыд рвитынц, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Сывæллæттæ сæхи цымыдисæй æмæ зарджытимæ цæттæ кæнынц сæрдыгон лагерь «Фидæн»-ы байгоммæ. Раздзог – Зæнджиты Мæдинæ. Абон ын ахсджиаг хæслæвæрд ис – алы отрядтæй дæр сывæллæтты æрæмбырд кæнын, æмæ сын кафт бацамонын.

Лагеры алы фæлтæрæн дæр ис йæхи темæ. Ацы аз йæ сæргонд у «С чего начинается родина». Культурон программæ дæр арæзт у темæмæ гæсгæ.

Лæвæрд темæйыл иууылдæр цымыдисæй кусынц. Сæхи алы бон цæттæ кæнынц линейкæтæм. Дзурынц сæ отрядты сæргæндтæ æмæ речевкæтæ.
«Фидæн»-ы кусдзысты дыууæ фæлтæры, æртыгай къуыритæ. Фыццаджы дæр æнхъæлмæ кæсынц галуаны архайæг сывæллæттæм. Лагеры фæллад уадзын у лæвар. Дуæрттæ ма гом сты социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн. Хæрын сын кæнынц бон цалдæр хатты. Сывæллæттæ сæ рæстæг æрмæст хъæлдзæгæй нæ, фæлæ ма сæхиуыл кусгæйæ æрвитдзысты.

Кæд лагеры ныридæгæн фæлладуадзджытæ ис, уæддæр официалон æгъдауæй гом нæма у. Сывæллæттæн фæзындис ног æмбæлттæ.

Бирæ сывæллæттæ цæттæ не сты сæ телефонтæ ныууадзынмæ, æмæ активонæй лагеры хъæзтыты архайынмæ. Къордты раздзогтæ хъуамæ алы сывæллоны зæрдæмæ дæр фæндаг ссарой. Сывæллæттæн ног бынатыл фæцахуырæн хъæуы цалдæр боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania