Уавæр сраст кæныныл бакуыстой, фæлæ ууыл бынæттон цæрджыты зындзинæдтæ нæ фесты
Мæйы размæ Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы атыдта дондзæуæн хæтæл. Уавæр сраст кæныныл бакуыстой, фæлæ ууыл бынæттон цæрджыты зындзинæдтæ нæ фесты. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ коммуникациты цæуынц, зæгъæн ис, æмæ цæрджытæн сæ къæхты бын. Суанг ма хъæрмдæттæг хæтæл дæр. Йæ уавæр та у зæрдæхсаинаг.
Фатер раст цыма хæсты цаутæ баййæфта, уый хуызæн – зæгъы Гæбæраты Джульеттæ. Фæлæ пъолы хуынчъытæ фæзындысты коммуналон системæйы аварийы фæстæ. 14 июлы изæрæй пъолыл дон фегуырд, фæлæ кæцæй, уый хæдзары цæрджытæ нæ бамбæрстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй коммуникациты сæйраг бынат куыд æмбæлы, афтæ пъадвалы хуылфы нæй, фæлæ 23-æм фатеры пъолы бын. Хæтæл дæр уым атыдта. Цæмæй доны цыд бауромой, уый тыххæй бахъуыд цалдæр раны пъолтæ скъахын.
Джульеттæйы цардæмбал у 2-æм къæпхæны инвалид. Кæддæр куысты йæ къах фæцæф, уый фæстæ та уæззау низæй фæрынчын. Нæлгоймаг æнæ искæйы æххуысæй нæ цæуы, архайдта коляскæйы руаджы, фæлæ уымæй дæр къахт пъолы тыххæй цæуæн нал ис.
Джульеттæйы сыхæгтæ цæмæй сæ фатертæм бацæуой, уый тыххæй сæ фæхъæуы цæлхдурты сæрты ахизын. Бæстыхайы доны хæтæл баивтой, фæлæ хъармгæнæн та æппындæр нал бæззы – зæгъынц цæрджытæ. Тагъд рæстæджы кæй фæуазæлттæ кæндзæн уымæ гæсгæ пъолтæ бетон кæнын райдайын тæрсынц.
Хæдзары хуылфæй хæтæлтæ куы рахастаиккой, уæд фарста дæр лыггонд æрцыдаид. Уыцы куыст хауы бындурон цалцæгмæ, фæлæ профилон фонды куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстойнаг уынджы 11-æм хæдзары цæрджытæй фæрæзтæ æмбырд кæнынц тынг гыццыл.
Хæдзары управленийы фарста алыг кæныны тыххæй загътой сæ хъуыды. Кусджытæ сæ куыст кæндзысты лæвар, фæлæ хъæугæ кусæнгæрзтæн хъæуы хца сæмбырд кæнын. Уыцы фæрæзты руаджы цæрджытæн фидæны мбырд кæнын нал хъæудзæн.
Хæдзары коммуникациты æвæрд адæймаджы дисы бафтауы. Зæгъæм, канализацион хæтæл цæуы подъезды уылты. Хæдзары цæрджытæн цымыдисаг ницыуал у. Джульеттæ æххуысагур кæдæм ацæуа, уый нал зоны.




