филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
06 мая 2021, 11:31
Мæлдзыгаты Гайоз металлурджы дæсныйады у раззагдæртæй иу

40 азæй фылдæр цы заводы фæллой кæны, уым йæ фæлтæрддзинад нымайынц, абарæн кæй ницæуыл ис, ахæмыл

Йæ дæсныйадыл иузæрдион, йе мкусджытæн хæларзæрдæ æмæ зондамонæг хистæр. Мæлдзыгаты Гайоз металлурджы дæсныйады у раззагдæртæй иу. 40 азæй фылдæр цы заводы фæллой кæны, уым йæ фæлтæрддзинад нымайынц, абарæн кæй ницæуыл ис, ахæмыл. Æмæ хуымæтæджы нæ. Гайозы ныхæстæм гæсгæ, дæ куыст зæрдæйæ куы уарзай, уæд адæймаджы къухы фты бирæ хъуыддæгтæ.

Мæлдзыгаты Гайоз артимæ архайы зонгæйæ æмæ æнцонтæй. Йæ къухайстæй, пецы сзынг вæййы æппæты зындæр стайын кæнæн кæй ис, ахæм згъæр – вольфрам. Згъæр стайын кæнынц 3400 градусы æмæ дзы рауайы йæ диаметр 19 микронмæ кæмæн хæццæ кæны, ахæм хæтæл, уый у адæймаджы сæрыхъуынæй æртæ хатты лыстæгдæр. Диссæгтæ… зæгъдзысты бирæтæ. Фæлтæрддзинад – дзуапп ратдзысты металлургтæ. Уый та 1-аг цехы специалистмæ ис тынг бирæ. Йе мкусджытæ ыл раздæр тынг дис кодтой, афтæ арæхстджынæй кæй архайы, ууыл. Фæлæ йыл ныр сахуыр сты.

Хуыбаты Федор Мæлдзыгаты Гайозимæ фæкуыста бирæ азты. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм йæ дæсныйад афтæ иттæг хорз чи зоны, ахæм адæймагыл фыццаг хатт сæмбæлд. 20 азы йыл куы цыди, уæд фæллой кодта 5 адæймаджы бæрц, 65 аздзыдæй дæр нырма йæ бон у, ахæм егъау куыст кæнын.

Гайоз йæхæдæг йæ куысты бæрæггæнæнтæм кæсы хуымæтæг цæстæй. Куыд зæгъы, афтæмæй дæ куыст зæрдæйæ куы уарзай, уæд адæймаджы къухы æфты бирæ хъуыддæгтæ саразын. Ахсджиаг у, цы коллективы хсæн кусыс, уый дæр.

Гайоз заводы куыст ницæуыл баивдзæн. Абон дзы кусы йæ чызг Маринæ дæр. Дыууæ азы размæ бацыди ифтонггæнæн хайадмæ, æмæ йын ныр та дæтты разамынд. Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй кæдфæндыдæр æнкъардта йæ фыды узæлд. Фæлæ ацы заводмæ кусынмæ бацæуын куы сфæнд кодта, уæд æй йæ ныййарджытæн фыццаг нæ хъæр кодта. 

Ахæм традици завод «Победит»-æн у раппæлиаг. 70 азмæ ардæм иу æмæ дыууæ металлургты династийы не рбацыди. Мæлдзыгаты Гайоз фæсивæдæн йæ зонындзинæдтæ дæтты рæдауæй, йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр у фыццаг аз бафæразын, уый фæстæ адæймаджы йæхи нал бафæнддзæн ацæуын. Уый бæлвырд у. 43 азмæ йæхимæ иу хатт дæр не рцыди йæ дæсныйад баивыны хъуыды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania