20 июня 2024, 12:26
Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы ирон поэтты æмдзæвгæты æмбырдгондæн презентаци уыди Национ наукон библиотекæйы
Чиныгмæ хаст æрцыдысты Уырыймæгты Алыксандры, Джыккайты Мураты, Гацъолаты Сергейы, Хестанты Бэлæйы æмæ Цæголты Иринæйы уацмыстæ
«Восемнадцать мгновений». Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы ирон поэтты æмдзæвгæты æмбырдгондæн презентаци уыди Национ наукон библиотекæйы. Чиныгмæ хаст æрцыдысты Уырыймæгты Алыксандры, Джыккайты Мураты, Гацъолаты Сергейы, Хестанты Бэлæйы æмæ Цæголты Иринæйы уацмыстæ. Æцы рауагъд у фыццаг поэтикон æмбырдгонд, æндæр горæтты цæрæг ирæтты чи баиу кодта. Автортæ бакастысты се мдзæвгæтæ æмæ радзырдтой се сфæлдыстады цыххæй цымыдисаг цаутæ.
темæмæ гæсгæ




