филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:50 пятница, 17 мая 2024
16 декабря 2021, 11:05
Мæскуыйы арæзт æрцыд литературон изæр

Баст уыд зындгонд фыссæг Гæздæнты Гайтойы цард æмæ сфæлдыстадимæ

Мæскуыйы арæзт æрцыд литературон изæр. Баст уыд зындгонд фыссæг Гæздæнты Гайтойы цард æмæ сфæлдыстадимæ. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 118 азы, йæ амалæтыл та 50 азы. Мысæн изæры сæйрагдæр хъуыддаг уыди – чиныг «Призрак Александра Вольфа»-йы презентаци. Фыст у ирон æвзагыл. Иугондмæ хаст æрцыдысты иу роман æмæ 3 радзырды. Ацы чиныгæн ис стыр ахадындзинад. Уымæн æмæ фыццаг хатт зындгонд фыссæджы сфæлдыстад сдзырдта йæ мадæлон æвзагыл. Уæвгæ, тæлмацы хъæппæрис разынд Дзгойты Валеримæ æмæ амалхъом адæймаг Пухаты Олегмæ. Уацмыстæ ратæлмац кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы доцент Бежаты Фаризæ. Тиражæн йæ фылдæр хай ратдзысты Ирыстоны скъолатæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania