Æрвылазон традицимæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæварады уæнгтæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой
Абон Мæскуыйы дæр арæзт æрцыдысты мысæн мадзæлттæ.
Æрвылазон традицимæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæварады уæнгтæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, 2004-æм азы Беслæны амынæтты уæгъд кæнгæйæ, сæ цард чи радта, уыцы сæрмагонд дæлхайдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджыты, стæй Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты цыртдзæвæнтыл. Ныгæд сты Николо-Архангельскийы уæлмæрды, горæт Жуковскийы æмæ Мæскуыйы облæсты Раменскы районы Юровойы хъæуы. Хъыггæнæн мадзæлтты архайдтой нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис, æдзард хæстонты æмкусджытæ, сæ хæстæджытæ, патриотон организациты æмæ клубты, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнджыты ингæнты цур равæрдтой кадджын хъалагъур. 2004-æм азы 3-æм сентябры Беслæны 1-æгæм скъолайы штурмы рæстæг, амынæтты суæгъд кæныны рæстæг сæ цард радтой Æдасдзинады федералон службæйы 10 кусæджы, мидхъуыддæгты министрады 15 службæгæнæджы æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 2 ирвæзынгæнæджы.




