филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
17 ноября 2021, 12:35
Мæскуыйы ацыди æппæтадæмон литературон премитæ дæттыны кадджын мадзал

Сергей Меняйло арфæ ракодта мадзалы архайджытæн, Цæгат Ирыстоны ахсджиаг цауы фæдыл

Мæскуыйы ацыди æппæтадæмон литературон премитæ дæттыны кадджын мадзал. Уазджыты хсæн РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнгтæ, сфæлдыстады æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, стæй Паддзахадон Думæйы уæнгтæ. Сергей Меняйло арфæ ракодта мадзалы архайджытæн, Цæгат Ирыстоны ахсджиаг цауы фæдыл. Адæмы индивидуалон миниуджыты æвдисæнтæ сты сæ истори, культурæ æмæ æгъдæуттæ. Ацы хъуыддаджы та бындурæвæрæг у æвзаг. Уымæ гæсгæ, цалынмæ ацы традицитæ дывæр кæнæм, æгъдæуттæ æмæ не взаг хъахъхъæнæм, уæдмæ уыдзыстæм тыхджын, загъта республикæйы разамонæг. Бибылты Анатолий та йæ арфæйы ныхасы загъта, ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдоны ахадындзинады тыххæй. Уыцы бон кадджын мадзал сæмбырд кодта, йæ мадæлон æвзаг æгæронæй чи уарзы, ахæм адæмы. Афтæмæй, 1-аг къæпхæны дипломæй æмæ æхцайы премийæ ирон национ прозæйы радзырдты циклы тыххæй хорзæхгонд æрцыди журнал «Мах Дуджы» сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ. 2-аг къæпхæны диплом æмæ æхцайы премийы аккаг та сси журналист Гасанты Валерий. Ирон национ прозæйы жанры йын стыр аргъ скодтой йæ уацмыстæн. Æппæтадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-æн бындур æвæрд æрцыди 2016-æм азы. Бацархайдта йыл Хуссар Ирыстоны минæварады УФ-йы æмæ компани «Стройцентр». Йæ сæйраг нысан у, ирон æвзаг парахат кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania