Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæнынц адæмон амалиуæгты иугонды 30 æрмдæсныйы æмæ куыстуаты
Мæскуыйы байгом адæмон амалиуæгы 30-æм равдыст-армукъа «Ладья зимняя сказка 2021». Мадзал Уæрæсейы нымад цæуы æппæты егъаудæрыл. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæнынц адæмон амалиуæгты иугонды 30 æрмдæсныйы æмæ куыстуаты. Цы экспозици бацæттæ кодтой, уым равæрдтой авторты конд куклатæ национ уæлæдарæсы, хъаматæ, скифты хæцæнгарз, керамикæ, æрхуыйæ дзаумæттæ, нымæтæй хуыд уæлæдарæс æмæ æндæртæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнзыстæм — Ладья у æмбал кæмæн нæй, ахæм проект. Равдисынц дзы нæ бæстæйы адæмыхæттыты æрмдæсныты аивад. Армукъайы архайынц Уæрæсейы фæндзай фондз регионы минæвæрттæ. Сæ куыстытæн аргъ кæнынц аивадон эксперттæ. Ацы аз равдысты нысан у пандемияйы уавæрты æрмдæсныты баиу кæнын æмæ сын ног авналæнтæ равдисын.




