филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
11 декабря 2019, 12:55
Мæскуыйы байгом уыдзæн адæмон сфæлдыстады æрмдæсныты куысты равдыст–армуркъа «Ладья. Зымæгон аргъау – 2019»

Равдыстмæ йе вæрæн бахаста Байсогъуырты Мухтар дæр.

Абон Мæскуыйы байгом уыдзæн адæмон сфæлдыстады æрмдæсныты куысты  равдыст–армуркъа  «Ладья. Зымæгон аргъау – 2019». Æрвылаз армукъа æрæмбырд кæны 1 мин æмæ 600 æрмдæсныйы Уæрæсейы 65 регионæй. 27-æм равдысты архайдзысты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр.  Республикæйы экспозицийы равæрдзысты национ уæлæдарæс, авторон куклатæ, ирон кæлмæрзæнтæ, национ хæцæнгарзы хуызтæ, сызгъæрин алдымбыдтæ æмæ сылгоймаджы сызгъæрин аивгæнæнтæ. Равдыстмæ йе вæрæн бахаста Байсогъуырты Мухтар дæр. Йæ коллекцийы тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Музейты арæх кæуыл нæ сæмбæлдзынæ, ахæм цымыдисаг дзаумæттæ фенæн ис Байсогъуырты Мухтары хæдзары. Алыхуызон мигæнæнтæ, хъæддзаума, фæллойæн кусæнгæрзтæ. Се ппæты дæр æнæхъæн истори…, адæмы истори. Мухтар зæрдæйæ цы æрмдæсныйад уарзы, уымæй 20 азы размæ сарæзта йæ царды сæйраг хъуыддаг. Уыимæ æрмдæсныйады аивады ирд хуыз. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæмæ цæуы ирон адæмы рагон цардыуаджы композицитæ аразын. Кусы алыхуызон æрмæгимæ, фæлæ фылдæр æргом здахы хъæдæрмæджы фидар мыггæгтæм – тулдз, бæрз æмæ æндæр бæлæстæм.

Æрмдæсны архайы, цæмæй йæ куыстытæ, куыд гæнæн ис, афтæ æнгæс уой æцæг рагон экспонаттæм. Уый та Мухтарæн зын хъуыддаг нæу, уымæн йæ ахуырадмæ гæсгæ у историк. Схъомыл ис хохы, уым та, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда кодтой хъæдын мигæнæнтæй, фосæн хос ластой дзоныгъты. Уыдон та-иу конд уыдысты хъæдæрмæджы алы хуызтæй. Байсогъуырты Мухтар ахæм хъуыдыйыл хæст, ома ныртæккæ дæр пайда кæнын хъæуы, нæ рагфыдæлтæ цæмæй архайдтой, ахæм æрмæгæй.

Мухтары коллекийæн ис йæхи зæрдæмæдзæугæ, абарæн кæмæн нæй, ахæм нæзыйы мыггæгты æмæ тæрсы хæрздæф.  Иучысыл бацархай, æмæ суджы лыггагæй фæзынынц стъолтæ, къустæ, кæрдтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ. Цы кусæнгæрзтæй архайы, уыдон дæр æрмдæсны аразы йæхæдæг. Йе рмадзы рæдыдæн бар нæй. Мухтар йæ дæсныйадыл æфтауы фæсивæды дæр. Бирæ куыстытæ та балæвар кæны йе мбæлттæн.

Ацы бонты ирыстойнаг æрмдæсныйы куыстытимæ базонгæ уæвæн ис Мæскуыйы цæрджытæн дæр. Уæрæсейы сæйраг горæты байгом уыдзæн равдыст-армукъа «Ладья. Зимняя сказка-2019». Ныртæккæ йæм йæхи æрмадз нæй, уымæ гæсгæ йæ цымыдисаг куыстытæ аразы йæ хæдзары. Тынг æххуыс ын сты йæ бинонтæ. Уыдон ын архайынц рæсугъд æнкъарæнтæ лæвар кæныныл, цæмæй та ногæй фæзыной сæ бинонты хистæры къухтæй конд ирон фынгтæ, бæгæныйы къустæ æмæ æндæр рæсугъд дзаумæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania