филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:51 воскресенье, 14 декабря 2025
22 января 2020, 12:00
Мæскуыйы Думæйы байгом Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Гобозты Владимиры куыстыты равдыст

Экспозици конд æрцыд æрмдæсныйы 60 азы кадæн

Мæскуыйы Думæйы байгом Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Гобозты Владимиры куыстыты равдыст «Зеркальное прикосновение». Экспозици конд æрцыд  æрмдæсныйы 60 азы кадæн. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой   Хуссар Ирыстоны президент Бибылты  Анатолий, Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар  Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ Мæскуыйы Думæйы æмсæрдар  Алексей Шапошников. Йæ ныхæстæм гæсгæ   ахæм экспозицитæ  хъæугæ сты  Мæскуыйы  парламенты  æмæ стыр аргъ скодта  Гобозты  Владимиры куыстытæн. Журналисттæн куыд загъта нывгæнæг, афтæмæй  йæ сюжеттæ æмæ персонажтæ сты  æрымысгæ, йе взонг царды бонтæй.  Фæлæ хæстæг сты цардмæ. Гобозты Владимир у нывгæнджыты æппæтдунеон   федерацийы уæнг,  æппæтадæмон равдыстыты лауреат.  Йæ куыстытæ  сты  Испанийы, Италийы æмæ Английы  музейты æмæ  хи коллекциты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania