Фенæн дзы ис алыхуызон музейты фондтæй, æфсæддон разамонджыты бинонты æмæ хи коллекциты 200 уникалон экспонаты
Мæскуыйы гæрзифтонг тыхты Центрон музейы байгом Мæскуыйыл тохы 80 азимæ баст равдыст – «Москва в судьбах полководец. Подвиг и Память». Фенæн дзы ис алыхуызон музейты фондтæй, æфсæддон разамонджыты бинонты æмæ хи коллекциты 200 уникалон экспонаты. Бирæтæ дзы равæрдтой фыццаг хатт. Се хсæн æфсады инæлар Плиты Иссæ æмæ йæ адъютант – бахылбадæг Тугъанты Михаилы тыххæй æрмæг. Адæмы размæ хаст æрцыдысты инæлары худ, йæ дамбаца «Вальтер» дарæн бынат, йæ дасæн, ручка, æвзист тамакотæ дарæн, сахат. Ацы дзаумæттæ равдыстмæ радтой инæлары фæдонтæ. Сæйраг экспонат быдырон хæдон «Æфсады инæлар»-ы пъагæттимæ. Ацы экспонат та адæммæ фæхæццæ сты Паддзахадон Думæйы депутаттæ Таймазты Артур æмæ Мæхъиты Зурабы фæрцы. Уыдонæн сæрды бантыст балхæнын ацы историон хæзна, æмæ йæ равдысты равæрын.




