филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 воскресенье, 01 февраля 2026
12 августа 2019, 13:53
Мæскуымæ кусæг балцы рæстæг Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Мæскуыйы, Алайнаг кæрты Мады Майрæмы аргъуан

Нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барисимæ дидинджытæ сæвæрдтой Беслæны теракты амæттæгты монументыл, æмæ сын минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты сæ рухс нæмттæ.

Мæскуымæ кусæг балцы рæстæг Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Мæскуыйы, Алайнаг кæрты Мады Майрæмы аргъуан. Нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барисимæ дидинджытæ сæвæрдтой Беслæны теракты амæттæгты монументыл, æмæ сын минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты сæ рухс нæмттæ. Фæстæдæр Битарты Вячеслав æркасти аргъуаны уавæртæм, ныртæккæ дзы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. 2022-æм азы аргъуаны фæнд кæнынц егъау мадзæлттæ саразын. Баст уыдзысты, Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бонимæ. Аргъуаны сæргълæууæг, фыд Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй дзы ныртæккæ кæнынц нывæфтыдтæ. Ууыл кусынц сæрмагонд æрмадзы специалисттæ. Уымæй дарддæр дзы æвæрынц ног дзуарынывтæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ æртæ мæйы размæ ацы фарстайы фæдыл нæ республикæйы сæргълæууæг ныхас кодта Мæскуыйы мэриимæ. Сæрмагондæй аргъуаны цалцæгæн Мæскуыйы бюджетæй радих кæндзысты 120 милуан сомы. Алайнаг кæрт у цымыдисаг ран. Уæлдай кад ын кæнынц, Мæскуыйы Ирыстонæй чи ис, уыдон се ппæт дæр. Ам уырнæг адæмæн кæддæриддæр сæ бон у сæ миддуне фæхъæздыгдæр кæнын, загъта Битарты Вячеслав. Ныртæккæ аргъуаны службæтæ цæуынц рагон славайнаг æмæ ирон æвзагыл. Фыд Вячеслав уазджытæн радзырдта, кæй нысан кæнынц аргъуаны дины скъола саразын. Ам кæстæрты ахуыр кæндзысты ирон æвзагыл. Республикæйы разамонæг зæрдæ бавæрдта, Цæгат Ирыстоны разамынд ацы хъæппæрис царды рауадзыны тыххæй бацархайдзæн æппæт хъауртæй. Бæлвырд амындтытæ радтой æххæстбарджын минæварадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania