филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:37 суббота, 11 мая 2024
21 февраля 2023, 11:19
Мæцутæйы хъæуы ныртæккæ кæд бирæ адæм нал цæры, уæддæр Дыгургомы цæрджытæн у сæ сæйрагдæр хъæу

Ардæм иннæ хъæутæй æрбацæуынц исты æлхæнынмæ, кæнæ æххуысагур, сæйрагдæр – медицинон æххусмæ

Адæмы царды æнцондзинадæн ма ноджыдæр иу мадзал. Ныртæккæ бирæ хорз хъуыддæгтæ арæзт цæуы Паддзахадон программæты æххуысы фæрцы. Сæ фарн хæццæ кæны хæххон хъæуты цæрджытæм дæр. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта, æрæджы Дыгургомы хъæу Мæцутæйы цы фельдшерон-акушерон пункт байгом, уый. Бæстондæр ын йæ куысты кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Æрæфы районы Мæцутæйы хъæуы ныртæккæ кæд бирæ адæм нал цæры, уæддæр Дыгургомы цæрджытæн у сæ сæйрагдæр хъæу. Ардæм иннæ хъæутæй æрбацæуынц исты æлхæнынмæ, кæнæ æххуысагур. Сæйрагдæр – медицинон æххусмæ. Уымæн та фæзынд хуыздæр уавæртæ. Дохтырты æмæ рынчынты æнцондзинадæн дзы кусын райдæдта, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы фельдшерон-акушерон пункт. Адæм æм, кæд сæ рыстимæ, уæддæр зæрдиагæй æрбацæуынц. Ам, æдзухдæр, цæттæ сты хæрзхъæд медицинон æххуыс бакæнынмæ. Аргъ ын скодта, ацы куыст искæй ныхæстæй чи нæ зоны уыцы Хъазахты Регинæ. Уый 35 азы фæкуыста фельдшерæй Мацутæйы медицинон æххуысы пункты. Ныр ардæм æрбацыд медицинон æххуысмæ.

Тадеты Маирбег, Мæцутæйы фельдшерон акушерон пунктмæ куыстмæ æрбацыд сæрмагонд программæ «Земский доктор»-мæ гæсгæ. Ныр бынаты байгомыл цин кæны, лæггад исджытæй тынгдæр.

Ковид парахат кæнын ма бауадзынмæ дæр сæ цæст дарынц. Ис сæм, уайтагъд низ риртасынæн нырыккондæр æрмæг.

Куыд дарддæр, афтæ хуыздæр. Ууыл архайгæйæ Мацутæйы никуыдæм цæуынмæ хъавы æрыгон дохтыр Тадеты Маирбег. Куыд зæгъы афтæмæй, паддзахад архайы дохтыртæн уавæртæ аразыныл æмæ хъуамæ æрыгон фæлтæр дæр се вæрæн бахæссой.

Маирбег нын равдыста сæ ног гæнæнтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй алцæмæйдæр сты æххæст. Алы хуызы фыццаг медицинон æххуыс бакæнынмæ дæр сты цæттæ.

Фидæнмæ пълæнтыл дзургæйæ, Маирбегмæ æххуысагур фæсидтысты Æхсæуæй, æмæ æвæстиатæй атындзыдта уырдæм. Афтæмæй алы рынчыныл дæр аудынц, æмбырд коллективæй дæр архайынц адæмы цард фенцондæр кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania