Йæ байгом кæныны каджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр
Ирыстоны фæзынд ног зæрдылдарæн бынат. Мæцутæйы сæвæрдтой бюст фыццаг дыгурон поэт Гурдзыбеты Блашкайæн. Йæ байгом кæныны каджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.
Бирæ рæстæг нæ цæуы Мæцутæйы ацы зæрдыл дарæн бынат куы фæзынд, уæдæй. Зæрдиаг куыстыты фæрцы фыдæлты фарн æмæ истори хæссæг хъуыддаг конд æрцыд. Ныр дзыллæтæ æрбамбырд сты, фыццаг дыгурон поэт Гурдзыбеты Блашкайы цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалмæ. Се хсæн Дыгоргомы цæрæг адæм, Æрæфы районы администрацийы разамынд, ахуыргæнджытæ æмæ культурæйы кусджытæ, скъоладзаутæ, Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы минæвæрттæ.
Фыццаг дыгурон поэт Гурдзыбеты Блашка райгурд 1868 –æм азы станица Ново-Осетинскайы, æфсæддон службæгæнæджы хæдзары. Блашкай фыд Майрæнсау уыд паддзахы æфсады офицер,йæ рæстæгмæ гæсгæ ахуыргонд æмæ уæздан лæг. Рамард Блашкайыл авд анзы куы цыд, уæд. Хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци станица Павлодольскæйы райдиан скъола.Уый фæстæ ахур кодта Стъараполы гимназы, фæлæ йæ, йæ фадæттæ кæй нæ амыдтой,уымæ гæсгæ йæ кæронмæ каст нæ фæци.
Гурдзыбеты Блашка уыд йæ Фыдыбæстæйы зынгзæрдæ патриот. Ирыстон куыд уарзта, афтæ уарзта Уæрæсе дæр. Йæхи нымадта йæ фыртыл æмæ йын, фырт йæ ныййарæг мадæн куыд фæлæггад кæны ,афтæ лæггад кодта.
Йæ саударæн æмбырдмæ æрцыд бирæ адæмтæ, Ирыстоны аллы рæттæй. Архайдта дзы академик Всеволод Миллер дæр, поэты сфæлдыстадимæ зонгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ.
Гуырдзыбеты Блашкайы фæллæйттæ дзæгъæлы кæй нæ уыдысты, уымæн æвдисæн уыд йæ цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалы сывæллæттæ сæ маддæлон æвзагыл куыд зæрдиагæй кастысты æмдзæвгæтæ, уый. Блашкайы поэзийы адамондзинады фарсдзурæг сты дыгурон фольклоры темæтыл цы уадзмыстæ ныффыста,уыдон.
Ирыстоны дзыллæтæ нæ рох кæнынц сæ поэты ном. Йæ номыл ис музей, цыртдзæвæнтæ æвæрд йæ райгуырæн хъæуы, Дзæуджыхъæуы æмæ Дигорайы. Ныр та ма Дыгургомы дæр, Блашкайы рагфыдæлтæ кæцæй рацыдыдысты, уым.
Блашкайы фæлгонц саразыныл бацархайдта, хъуыстгонд уæрæсейаг скульптор Соскъиты Владимир. Æрæфы районы културæйы хайады æмæ библиотекæйы кусджытæ та бакуыстой йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацæуджытæм фæхæццæ кæнын Блашкайы цард æмæ сфæлдыстады ахадындзинад. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Гуырдзыбеты мыггаджы минæвæрттæ арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой бюст сæвæрыныл чи бакуыстæ, уыцы зæрдæхæлар адæмы. Уыдон та сты Ирыстоны кадджын хъæбул, фыдæлты фарн бахъахъхъæныныл чи кусы уыцы Боллоты Хъазыбеджы фырт Таймураз, стæй Байхъуылты Цæрай. Уыдоны фæрцы царды уагъд æрцыд Æрæфы районы фæндон.




