филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
15 ноября 2023, 11:05
Мæздæджы 3-æм скъолайы къулыл Гæбулты Зойæйæн кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр архайæг уыди ацы скъолайы рауагъдон

Мæздæджы 3-æм скъолайы къулыл Гæбулты Зойæйæн кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр архайæг уыди ацы скъолайы рауагъдон. Мæздæджы цæрджытæ курдиат бахастой горæты администрацимæ, цæмæй хъуыстгонд сгарæджы рухст ном сæнусон кæной. 1942-æм азы 20-æм сентябры Гæбулты Зойæйæн йемæ ма дыууæ чызджы, афтæмæй, бахæс кодтой, Малгобекы рдæм цы ротæ ацыди, уыимæ бастдзинад сфидар кæнын. Сæ размæ вæрд хæс сæххæст кодтой. Фæлæ, хъыгагæн фæстæмæ иууылдæр нал сыздæхтысты. Зойæ йе мбал чызгимæ фæмард сты знаджы рæмудзæн æрмæгæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 75 азы боны кадæн, Мæскуыйы кæронмæ фæци Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты сæйраг аргъуаны арæзтад. Йæ территорийы ис музейон комплекс, йæ дæргъ у 1418 санчъехы, уал боны æмæ æхсæвы ахаста Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фæскомцæдисон Гæбулты Зойæйы хуызистытæ сты «Зæрдылдарæн галерейæ» милуангай хæсты архайджыты æмрæнхъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania