филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:11 суббота, 28 сентября 2024
12 февраля 2020, 12:27
Мæздæджы 3-аг аз кусы фонд «Быть добру»-йы республикон хайад

Уыцы рæстæгмæ, Татьянæ æмæ Владимир Белоярцевтæ сæ алыварс æрæмбырд кодтой волонтерты командæ

Мæздæджы 3-аг аз кусы фонд «Быть добру»-йы республикон хайад. Уыцы рæстæгмæ, Татьянæ æмæ Владимир Белоярцевтæ сæ алыварс æрæмбырд кодтой волонтерты командæ. Сæ фылдæр сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ. Сæ размæ вæрд хæстыл æрдзурыны, æмæ фидæны куысты пълан снысан кæныны тыххæй волонтертимæ фембæлд фонды разамонæг Хъуысаты Амырхан. Бынаты æрныхас кодтой радон форум «Æнæ арæнтæй»-мæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Боны фæткмæ хаст æрцыди меценаттимæ æнгомдæр æмгуыстад кæныны фарстатыл дæр. Мæздæджы районы  «Быть добру»-йы командæйæн ныридæгæн ис стыр ахадындзинад. Фæсивæды ам зонынц, æмæ сыл баууæндынц бæрнон хъуыддæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania