филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:53 вторник, 24 июня 2025
04 июня 2025, 10:38
Мæздæджы 5-æм скъолайы фæзынд бæстæзонæн музей

Экспозици байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ

Мæздæджы 5-æм скъолайы фæзынд бæстæзонæн музей. Экспозици байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ. Æвзонг иртасджытæ сæмбырд кодтой бирæ архивон бæрæггæнæнтæ сæ райгуырæн горæт æмæ республикæйы историйы тыххæй. Коллекцийы тематикæ аххæссыд Мæздæджы фидарæн бындур æвæрд куы æрцыди, суанг уæдæй абоны онг æвдисæндар документтыл. Уазджыты хсæн – салдæтты мадæлты комитеты сæрдар Надежда Колесникова, национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы минæвæрттæ, ныййарджытæ. Сывæллæттæ бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ фидæны хъахъхъæнджытæн скодтой сæхи ныстуантæ. Фыдыбæстæ уарзын, истори ахуыр кæнын, стæй нын Стыр Уæлахиз чи балæвар кодта, уыцы фыдæлтæн аккаг фæдонтæ уæвын – скъолайы музейы сæйраг нысан.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania