22 ноября 2024, 10:50
Мæздæджы адæмон драмон театр ацы аз бæрæг кæны йе 65 азы юбилей
Ацы сезон актертæ бацæттæ кодтой сомихаг драматург Григор Тер-Григоряны пьесæмæ гæсгæ спектаклы премьерæ «Мой любимый Жорж»
Мæздæджы адæмон драмон театр ацы аз бæрæг кæны йе 65 азы юбилей. Ацы сезон актертæ бацæттæ кодтой сомихаг драматург Григор Тер-Григоряны пьесæмæ гæсгæ спектаклы премьерæ «Мой любимый Жорж». Комедийы архайд цæуы гыццыл хуссайраг горæты. Спектаклы ахъазыдысты куыд фæлтæрдджын актертæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Театры режиссер Татьяна Сураева адæмон театрæн разамынд дæтты афæдзæй къаддæр, фæлæ йæ цард уыимæ баст у. 1965-æм азы Мæздæджы Адæмон театр сси Мæскуыйы Æппæтцæдисон æркасты лауреат. Абон дæр йемæ йæ цард сбæттынц æнæхъæн фæлтæртæ.
темæмæ гæсгæ