филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:57 пятница, 17 мая 2024
28 декабря 2021, 11:55
Мæздæджы адæмон драмон театр размæ рахаста аргъау «Про Федота стрельца, удалого молодца

Адæмон театр иу кæны алы хуызы адæмы, архайынц дзы бинонтæй дæр

Мæздæджы адæмон драмон театр Леонид Филатовы 75 азы юбилеймæ размæ рахаста аргъау «Про Федота стрельца, удалого молодца». Уый размæ та 1987 азы хуыздæрыл нымад æрцыд  журнал «Юность»-ы. Йæ автор уайтагъд сси зындгонд. Филатовы пьесæ абон дæр у актуалон. Мæздæджы театры актерты ныхæстæм гæсгæ, кæд йæ текст у стыр, уæддæр у æнцон æмбарæн. Адæмон театр иу кæны алы хуызы адæмы, архайынц дзы бинонтæй дæр. Зæгъæм, Филатовы номыл  спектаклы сты цалдæр. Уымæ гæсгæ йæ фæстиуæгыл дæр цин кæнынц  иумæ. Традицимæ гæсгæ ма арфæ ракодтой  Вячеслав Журмиловæн, сценæйы 16 азы кæй ис, уый тыххæй.  Уыцы цау дæр баиу Филатовы юбилеимæ. Зындгонд премьерæ ма ацы бон бахъуыды кæндзысты Мæздæджы цæрджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania