филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
18 февраля 2020, 12:57
Мæздæджы æмæ «Русь»-ы туристон клубы иугонд командæ архайдта Бештауы хохы цъупмæ схизыны амалæй

Спортивон мадзал арæзт æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн, стæй йæ снывонд кодтой Зæрдылдарыны æмæ намысы афæдзæн

Мæздæджы æмæ национ-культурон æхсæнад «Русь» -ы туристон клубы иугонд командæ архайдта  Бештауы хохы цъупмæ схизыны традицион амалæй. Спортивон  мадзал арæзт æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн, стæй йæ снывонд кодтой Зæрдылдарыны æмæ намысы афæдзæн.   Командæйы уæнгтимæ ма сæ маршрутыл семæ  ацыдысты  ветерантæ, скъоладзаутæ, студенттæ, кадетты кълæсты ахуырдзаутæ æмæ æфсæддон-спортивон клубты æмæ организациты минæвæрттæ. Къуыбырыл сæм æнхъæлмæ касти тематикон  викторинæтæ æмæ  конкурстæ. Уым зæрдиагæй архайдтой командæйы æппæт уæнгтæ дæр.  Спортивон мадазлы архайджытæ, кæстæрæй хистæрæй схызтысты хохы цъупмæ. Нæ сæ бахъыгдардта нæдæр мит, нæдæр уазал дымгæ. Республикæйы тырысаимæ  традицион къамтæ исгæйæ та  ма  мæздæггæгтæ сæхи бахъæлдзæг кодтой. Бештауы хохы цъуппæй æрцæугæйæ та сын мадзал саразджытæ скодтой хъарм хæринæгтимæ фынг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania