филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
18 июня 2020, 16:24
Мæздæджы аив кæнынц Сæйраг фæз

Мæздæджы аив кæнынц Сæйраг фæз. Ныридæгæн æххæстæй систой асфальт, æмæ ног уæлцъарæн бацæттæ кодтой бындур. Тæпъæнгонд æрмæгæй бамбæрздзысты 6000 квадратон метрæй фылдæр фæзуат. Уымæй дарддæр бавидзысты 200 метры бордюртæ, сног кæндзысты уарындæттæ æмбырдгæнæн канализаци.

Уæвгæ, Сæйраг фæзы рацарæзтмæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Цалдæр фæлтæрæн уый у уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Уым ма арæзт фæцæуынц егъау ирхæфсæн мадзæлттæ, бæрæгбæттæ, акцитæ æмæ парадтæ. Рацарæзт фæуынмæ хъавынц горæты Бонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania