Сæ куыстытæ йæм бахастой 16-æм æппæтадæмон арт-марафоны уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ
Мæздæджы аивадон скъолайы байгом равдыст «Нарты хæзнатæ». Сæ куыстытæ йæм бахастой 16-æм æппæтадæмон арт-марафоны уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ. Проекты разамонæг у Борис Тажев. Æрыгон нывгæнджытæн куыд радзырдта, афтæмæй æппæтадæмон проект царды æххæстгонд цæуы æнтыстджынæй. 2009-æм азæй фæстæмæ арт-марафоны бацархайдтой 20 мин нывгæнæгæй фылдæр Уæрæсейы æппæт регионтæй æмæ дунейы 27 бæстæйæ. Се ппæты дæр иу кæны нарты кадджытæм уарзондзинад. «Нарты хæзнатæ» – у социалон проект, байгом кæны бирæ фадæттæ сфæлдыстадон хъомыс раргом кæнынæн. Уымæй дарддæр ма йæ фæрцы фылдæр кæны дунейы алы бæстæты адæмы национ хæзнатæм цымыдисдзинад. Проекты разамонæг ма загъта, Ирыстоны кæй ис æппæтæй фылдæр куыстытæ, бæрнон жюрийы уæнгтæ стыр аргъ кæмæн скодтой, ахæм регион. Æвзонг нывгæнджыты куыстытæ фенæн ис æпæтадæмон фæзты, стæй ма чингуыты иллюстрациты хуызы дæр. Се ппæт дæр арæзт æрцæуынц, конкурс «Нарты хæзнатæ» æххæст кæнгæйæ.
