филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:22 воскресенье, 01 февраля 2026
23 ноября 2022, 13:07
Мæздæджы арæзт æрцыд семинар социалон проекттæ аразынæй

Фембæлды архайдтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ волонтертæ

Проект саразыны сусæгдзинæдтæ, райдай хъæппæрисæй суанг царды рауадзыны онг. Мæздæджы арæзт æрцыд семинар социалон проекттæ аразынæй. Фембæлды архайдтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ волонтертæ. Уыдон радзырдтой хъæппæрисыл раст куыд кусын хъæуы, уый тыххæй. Сæйрагдæр у къæпхæнгай архайын, цæмæй цыфæнды хъæппæрис дæр царды æнтыстджынæй æххæстгонд уа, уый тыххæй. Ахæм уыд, социалон проекттæ аразыны эксперт Хохойты Этерийы сæйраг хъуыды. Æмбырды архайджытæ адих сты цалдæр къордыл. Се ппæт дæр архайдтой сæ фидæны проектты анализ скæнын. Уыдис дзы арт-студи, хи конд дзаумæтты армукъа, тематикон аллея. Уæвгæ, социалон проектты хъæппæристæ хъуамæ уой сæрмагонд фæлхасгæнджытæн арæзт, æмæ сын хъуамæ хæссой пайда. Стыр æргом ма аздæхтой проекттæн спонсортæ агурынмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania