филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
05 августа 2020, 12:09
Мæздæджы, десантон службæйы ветеранты схорзæхджын кодтой уæлдæфон-десантон службæйы 90 азы юбилейон майдантæй

Кадджын мадзал арæзт уыд Мæздæджы æфсæддонты-интернационалистты номыл парчы, уæлдæфон-десантон æфсады фыццаг командæгæнæг Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур

Мæздæджы, десантон службæйы ветеранты схорзæхджын кодтой уæлдæфон-десантон службæйы 90 азы юбилейон майдантæй. Кадджын мадзал арæзт уыд Мæздæджы æфсæддонты-интернационалистты номыл парчы, уæлдæфон-десантон æфсады фыццаг командæгæнæг Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур. Архайдтой дзы ветерантæ, хицауады минæвæрттæ æмæ районы æхсæнад. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епископ Леониды арфæтæ бакаст мæздæггаг аргъуанты зылды  протоиерей Артемий Пономаренко. Бынæттон цæрджытæй  æфсады кадджындæр рæнхъыты чи службæ кодта, уыдон  сты сæрыстыр. Ацы бæрæгбоныл та традицимæ гæсгæ сæмбæлдысты се фсæддон æмбæлттимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania