филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:28 воскресенье, 19 мая 2024
22 августа 2019, 17:10
Мæздæджы хæлардзинады Хæдзары уыди Теркаг хъазæхъхъæгты æхсæнады уæрæхгонд æмбырд

Боны фæткмæ хаст æрцыди, Мæздæджы районы хъазахъхъæгты æхсæнады цы уавæр сæвзæрди, уый.

Мæздæджы хæлардзинады Хæдзары уыди Теркаг хъазæхъхъæгты æхсæнады уæрæхгонд æмбырд.

Боны фæткмæ хаст æрцыди, Мæздæджы районы хъазахъхъæгты æхсæнады цы уавæр сæвзæрди, уый. Бæлвырддæр та – атамантæ, бынæттон хицаудзинады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ æрныхас кодтой районы хъазахъхъаг æхсæнады райрæзты фарстатыл. Фæстаг рæстæг цалдæр хъæуы скодтой æмбырдтæ дæр. Фæсивæд разы не сты хъазахъхъаг æхсæнадты рацарæзтимæ. Æрыгон адæмы хъазахъхъæгты фæнды уынын раздæрау фидарæй. Атамантæ æрхастой се хсæнады бон æппæт тыхтæй кусын кæй тыххæй нæу, ахæм цалдæр дæнцæджы дæр. Зæгъæм, устав æмæ закъондæттæг домæнтæ арæх æххæстгонд кæй нæ цæуынц, æхсæнадæн официалон æгъдауæй статус кæй нæй, уый. Уавæр сраст кæнæн ис, бынæттон хицаудзинады оргæнтимæ æмгуыстады фæрцы, зæгъынц, Теркаг хъазахъхъæгты æхсæнады уæнгтæ æмæ нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады минæвæрттæ. Уыдон хъуамæ Мæздæджы хъазахъхъæгтæн баххуыс кæной хъæугæ документтæ бацæттæ кæнынæн. Сентябры станицæты скæндзысты æмбырдтæ, æмæ дзы равзардзысты аккаг кандидатты, стæй адарддæр кæндзысты хъазахъхъæгты змæлды архайд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania