Мемориал арæзт æрцыд отряд «Поиск»-ы волонтерты хъæппæрисæй
Мæздæджы хъахъхъæнджытæн горæты астæу байгом кодтой цыртдзæвæн. Мемориал арæзт æрцыд отряд «Поиск»-ы волонтерты хъæппæрисæй. Кадджын мадзалы архайдтой фæллойы ветерантæ, хицауады минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ æхсæнадон организациты уæнгтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн кад скæнынмæ рбацыдысты тыхы структурæты минæвæрттæ дæр. Цыртдзæвæн саразын хорзыл банымадтой Мæздæджы куыстуæттæ. Фæрæзтæ æмбырд кодтой куыд æхсæнадон организацитæ, афтæ зæрдæхæлар адæм дæр. Равзæрстой йын бынат ног микрорайоны, астæуккаг скъолайы ног корпусы раз. 1942-æм азы ам цыдысты карз тохтæ. Мæздæг хъахъхъæнджыты кадæн ма ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой концерт. Акодтой хæстон азты зарджытæ, «æнæмæлгæ полчы» акци æххæст кæнгæйæ та рахастой сæ кадджын хистæрты портреттæ. Минут æдзæмæй алæууыны фæстæ, цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.




