Мадзал бацæттæ кодта Мæздæджы ветеранты Совет
Мæздæджы Пушкины номыл библиотекæйы хатдзæгтæ скодтой нывæцæнты конкурсæн «Æз цæрын хъæбатыры уынджы». Мадзал бацæттæ кодта Мæздæджы ветеранты Совет. Архайдтой дзы районы 23 скъолайы минæвæрттæ. Куыстытæн аргъ кодтой номинациты «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртæ», «Уæрæсейы хъæбатыртæ», «Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатыртæ». Сывæллæтты ма сразæнгард кодтой сæ зындгонд æмзæххон Гуырдзыбегты Блашка æмæ номдзыд æфсадфæтæг Александр Суворовимæ баст хъуыддæгтæ. Нывæцæнтæ ныффыссыны тыххæй архайджытæ ныхас кодтой ветерантимæ, хистæр кары адæмимæ, информаци æмбырд кодтой скъолаты музейты, архивты, газетты. Æххуыс сын кодтой сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Се ппæт архайджыты дæр схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй, хуыздæр куыстыты автортæн та саккаг кодтой сæрмагонд призтæ.




