филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 29 июня 2024
15 февраля 2022, 14:48
Мæздæджы хъазахъхъаг æхсæнады цæттæ кæнынц кæстæр командæгæнджыты фæлтæры рауагъдадмæ

Цæттæгæнæн курс дзы цæуынц æвзонг хъазахъхъæгтæ

Мæздæджы хъазахъхъаг æхсæнады цæттæ кæнынц кæстæр командæгæнджыты фæлтæры рауагъдадмæ. Цæттæгæнæн курс дзы цæуынц æвзонг хъазахъхъæгтæ. Се ппæт дæр сты горæты æмæ хъæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ. Курс фæуыны фæстæ хъомылгæнинæгтæ сæхæдæг архайдзысты ахуырады процессы, æмæ æххуыс кæндзысты сæ хистæртæн. Ахуыргæнæн пъланы сты ахуыртæ рæнхъытæй раст цæуынæй, топографион æмæ медицинон цæттæдзинадæй. Уымæй дарддæр æвзонг хъазахъхъæгтæ архайынц спортивон секциты, ахуыр кæнынц æфсæддон хъуыддаг, зонгæ кæнынц чырыстон дины бындуртимæ, хъазахъхъæгты историимæ æмæ æрмдæсныйады технологитимæ. Хæстæгдæр нысанты лæппутæн æмæ чызджытæн арæзт цæудзысты хореографийæ ахуыртæ. Педагогты хсæн сты – хъазахъхъаг æхсæнады уæнгтæ, гæрзифтонг тыхты ветерантæ, спортивон скъолаты тренертæ, æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы кусджытæ. Сæ сæйраг хæс у 9-æм маймæ, стæй быдырон куыстытæм æмæ æмбырдтæм бацæттæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania