филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
18 июля 2019, 17:25
Мæздæджы кадджын гражданин Ираида Кунич сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей

Раарфæ кæнынмæ йæм æрбацыд бирæ адæм, йæ хæстæджытæ, районы разамынд æмæ æхсæнадон минæвæрттæ.

Мæздæджы кадджын гражданин Ираида Кунич сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей.
Раарфæ кæнынмæ йæм æрбацыд бирæ адæм, йæ хæстæджытæ, районы разамынд æмæ æхсæнадон минæвæрттæ. Алы рæттæй æм дзырдтой телефонæй дæр. Ираидæйы зонынц куыд районы депутат, æхсæнадон активон архайæг æмæ куыд хуымæтæг адæймаг. Уый зæрдæйæ уарзы æмæ лæггад кæны йæ районæн. Хуымæтæджы йын нæ радтой Мæздæджы кадджын гражданины ном. Ираидæ стыр æвæрæн бахаста национ культурон æхсæнад «Русь»-ы райрæзтмæ. Бирæ азты разамынд лæвæрдта Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон партийы бынæттон хайадæн. Йæ ном хаст уыд Уæрæсейы хуыздæр адæмы энциклопедимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania