11 сентября 2025, 10:37
Мæздæджы кæронмæ æрхæццæ сквер «Хæдтæхæджы»-ы рацарæзт
Монументæн ис регионалон нысаниуæг
Национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы федералон проект «Горæты æнцонвадат цард» æххæстгæнгæйæ Мæздæджы кæронмæ æрхæццæ сквер «Хæдтæхæджы»-ы рацарæзт. Монументæн ис регионалон нысаниуæг. Проекты фæлгæты скверы сæвæрдтой брусчаткæ, бордюртæ, ног рухсгæнæнтæ, бадæн бынæттæ æмæ урнæтæ. Ныр дзы æхсæвыгон дæр рухс вæййы. Скверæн йæ территори фæуæрæхдæр цалцæггонд аллеяйы фæрцы. Бадæн бынæттæ фæзындысты парчы зонæйы. Горæты ног аивгонд тыгъдад бынæттон цæрджытæн æмæ уазджытæн балæвар кодта ног фадат фæлладуадзæн.
темæмæ гæсгæ




