филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:40 пятница, 17 мая 2024
06 октября 2022, 10:20
Мæздæджы кæсагахсджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Сæм æрбахуыдтой бинонты хъомыладæн æххæуысгæнæг центр «Амонд»-ы хъомылгæнинæгты

Мæздæджы кæсагахсджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æмæ сæм æрбахуыдтой бинонты хъомыладæн æххæуысгæнæг центр «Амонд»-ы хъомылгæнинæгты. Се ппæт дæр хуынд æрцыдысты Карскийы цады былгæронмæ. Хистæртæ сын радзырдтой, æнгуыртæ цавæр вæййынц, цæуыл ахсынц кæсаг, уæвгæ ацы дæсныйады цавæр сусæгдзинæдтæ ис, стæй ма бирæ æндæр цымыдисаг хъуыддæгты тыххæй. Уымæй дарддæр уазджытæн фадат уыд сæ ног зонындзинæдтæ практикæйы сфидар кæнынæн. Æвзонг кæсагахсджытæн ма бар радтой лæппынкæсæгты цадмæ ауадзынæн дæр. Центр «Амонд»-мæ цæуынц алы кары 20 сывæллонæй фылдæр. Се хсæн уыдысты, кæсаг ахсынмæ фыццаг хатт чи рбацыд, ахæмтæ дæр. Фæлтæрдджын кæсагахсджытæ сын радзырдтой, ацы бынатмæ куыд зилын хъæуы, цæмæй дзы фылдæр кæсаг уа, уый тыххæй. Иу ныхасæй хистæртæ бацархайдтой сæ уазджытæн æрдзон бæрæгбон саразыныл. Æмæ йæ ныр сæ зæрдæтыл æнæмæнг бадардзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania