филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:30 суббота, 28 сентября 2024
01 февраля 2022, 12:04
Мæздæджы кинотеатры арæзт æрцыд кадджын мадзал, æмæ баст уыд ноггонд киноцентры 10 азы бонимæ

«Кинойы территори» кæддæриддæр æрбамбырд кæны бирæ фæсивæды

Мæздæджы кинотеатры арæзт æрцыд кадджын мадзал, æмæ баст уыд ноггонд киноцентры 10 азы бонимæ. «Кинойы территори» кæддæриддæр æрбамбырд кæны бирæ фæсивæды. Ам сын арæзт фæцæуынц алыхуызон социалон акцитæ æмæ викторинæтæ. Уымæй дарддæр рохуаты нæ баззайынц горæты æмæ районы ахсджиаг цаутæ. Фæлæ сæйрагдæр у уый, æмæ ацы кинотеатры байгомимæ мæздæггæгтæн фадат фæзынд, стыр экрантæм цы кинонывтæ рацæуынц, уыдон æвæстиатæй фенынæн. Мадзалы уазджытæ сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, Мæздæджы ахæм нырыккон кинтеатр кæй фæрцы фæзынд, уыцы адæмы. Уæлдай арфæйаг сты Суриковты бинонтæй. Александр æмæ Лидия стыр æвæрæн бахастой ацы хъуыддагмæ. Уæдæ раппæлинаг у йæ коллектив дæр. Кинотеатрмæ ма ноджыдæр æнхъæлмæ кæсынц хуызæдрырдæм ивддзинæдтæ. Фидæны фæнд кæнынц дыккаг зал байгом кæнын. Ныр та уал се ппæты дæр хонынц уазæгуаты.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania