филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
15 декабря 2020, 13:54
Мæздæджы кусын райдыдтой цыппурсы армукъатæ

Сæйраг фæзы, армукъæйы бонты, архайдзысты районы культурæйы галуаны æмæ хъæуты сфæлдыстадон къордтæ

Ног азы агъоммæ Мæздæджы кусын райдыдтой цыппурсы армукъатæ. Мадзал арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонмæ гæсгæ. Ахæм армукъатæ арæзт æрцæудзысты республикæйы æппæт районты, стæй Дзæуджыхъæуы. Мæздæджы сæйраг фæзы, армукъæйы бонты, архайдзысты районы культурæйы галуаны æмæ хъæуты сфæлдыстадон къордтæ. Ацы мадзал у фыццаг ног рацарæзт фæзы. Æрæджы дзы сæвæрдтой ног плиткæ, баивтой сценæ, бадæн бынæттæ. Армукъæйы архайынæн амалхъом адæм сæвæрдтой аив цатыртæ, æмæ дзы равæрдтой сæ продукци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania